07 марта 2024, 12:43
Республикæйы прокуратурæйы бæрæггæнæн мадзæлтты фæстæ 27 муниципалон депутаты сæ хæстæй суæгъд кодтой
Цæгат Ирыстоны Хицауады хæдзары ацыд коррупцийы ныхмæ тох кæныны семинар-æмбырд
Республикæйы прокуратурæйы бæрæггæнæн мадзæлтты фæстæ 27 муниципалон депутаты сæ хæстæй суæгъд кодтой. Цæгат Ирыстоны Хицауады хæдзары ацыд коррупцийы ныхмæ тох кæныны семинар-æмбырд. Архайдтой дзы бынæттон хиуынаффæйады оргæнты минæвæрттæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Боны фæткмæ рахастой сæйраг фарстатæ, баст уыдысты æфтиæгтимæ, хæрдзтимæ æмæ исбонимæ. Æппæт ацы бæрæггæнæнтæ паддзахадон кусджытæ хъуамæ бавдисой 1-æм апрелы онг. Ацы фарстамæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæ ис уæлдай карздæр цæстдард. Зæгъын хъæуы уый, æмæ æрвылаз прокуратурæ рабæрæг кæны закъонхæлдтытæ æмæ кæнынц фылдæр.
темæмæ гæсгæ