Сыгъдæг удты номхыгъдмæ хаст чи рцыди, уыцы Уырыссаг императоры æппæты зындгонддæр дзуарынывтæ ныртæккæ сты Архангел Михаилы гыццыл аргъуаны
Паддзах Никъала 2-æмы дисæфтауæг дзуарынывты хыгъд схæццæ Дзæуджыхъæумæ. Сыгъдæг удты номхыгъдмæ хаст чи рцыди, уыцы Уырыссаг императоры æппæты зындгонддæр дзуарынывтæ ныртæккæ сты Архангел Михаилы гыццыл аргъуаны. Сластой сæ дзуæрттимæ цыды фæлгæты. Никъала 2-æмы дзуарыныв фæстаг 20 азмæ æрзылди 500 мин километры – йæ фæндаг уыди Екатеринбургæй. Уазнывыл андзæвыны фадат ныридæгæн уыди, Уæллаг Бирæгъзæнджы Никъала Диссæгтæаразæг аргъуанмæ цы адæм цæуы, уыдонæн. Ныр та ахæм фадат ис Дзæуджыхъæуы цæрджытæн. Меценат Сергей Алиев куыд загъта, афтæмæй æппæт бæстæйы уырнæг адæм тырнынц диссæгтæаразæг уазнывтыл андзæвынмæ. Абон дзуарынывтæ аласдзысты Хуссар Ирыстонмæ, уый фæстæ та Донбассмæ.