Ахæм уынаффæ регионы разамонæг рахаста боныхъæд хынцгæйæ
Сергей Меняйло аппаратон æмбырды бабар кодта хæдзæрттæм æмæ социалон объекттæм хъарм бадæттын. Ахæм уынаффæ регионы разамонæг рахаста боныхъæд хынцгæйæ. Рынчындæтты, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ скъолаты кæддæриддæр хъуамæ уа хъарм. Республикæйы сæргълæууæг цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрæн, стæй районты сæргълæуджытæн бабар кодта уæлдæфы температурæ хынцын, æмæ фарста æвæстиатæй лыг кæнын. Æрвылкъуырион æмбырды ма ныхас цыд эпидемиологон уавæрыл. Фæлхасадмæ цæстдарды республикон управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ уавæр у рæстæмбис. Ивгъуыд къуырийы сбæрæг кодтой коронавирусæй дыууæ рынчыны. Уымæй дарддæр æмбырды стыр æргом аздæхтой чысыл горæтты æмæ хъæуты рæзты программæмæ. Регионы разамонæг бауайдзæф кодта муниципалитетты сæргълæуджытæн, ныридæгæн курдиæттæ чи нæ балæвæрдта, уыдонæн. Хицæнæй Сергей Меняйло фæсидт Æрыдоны разамындмæ. ныхас ма цыд национ проекттыл дæр. Республикæйы сæргълæууæг Хицауадæн бабар кодта программæты архайынмæ фылдæр æргом здахын.




