филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:08 вторник, 03 ноября 2026
14 мая 2024, 11:50
Полигон «Тактикæ»-йы арæзт æрцыд, республикæйы сæргълæууæджы призтæ рамбулыны, райдиан æфсæддон цæттæдзинады ерысты финал

Йæ архайджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло

Джызæлмæ хæстæг Горæтгæрон районы мысан æхсæн полигон «Тактикæ»-йы арæзт æрцыд, республикæйы сæргълæууæджы призтæ рамбулыны, райдиан æфсæддон цæттæдзинады ерысты финал. Йæ архайджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ерыстæ арæзт æрцыдысты йæ хъæппæрисæй. Хуыздæры ном райсыныл архайдтой 130 адæймаджы, 14 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Сты Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты скъоладзаутæ. Се ппæт дæр ацыдысты сæрмагонд ахуырад. Семæ куыстой Ахуыргæнæн центр «Авангард»-ы инструктортæ. Сергей Меняйло турниры архайджытæн загъта: » Ахæм спортивон ерыстæн ис стыр ахадындзинад. Уымæн æмæ канд сæ фæлтæрддзинадыл не фтауынц, фæлæ ма рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц фыдыбæстæ уарзыныл дæр. Уыцы миниуджытæ кæддæр баххуыс кодтой нæ фыдæлтæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Абон та æххуыс кæнынц не рыгон хæстонтæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы сæ хæстæ æххæст кæнынæн.  Регионы разамонæг ма бузныджы ныхæстæ загъта ахуырадон центры инструктортæн, сæ сæргъы Хъантемыраты Барисæн. Æвзонг спортсменты хъуыды 5 фæлтæрæны сæххæст кæнын. Афтæмæй 1-аг бынат бацахста Црауы скъола. 2-аг бынаты аккаг сси Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг муниципалон зылды скъолаты командæ. 3-аг бынатмæ рацыд Алагиры 4-æм скъола. Радтой сын дипломтæ, майдантæ æмæ кубоктæ, стæй ма парашютимæ æргæпп кæнынæн сертификаттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania