Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Æрыдоны районты скъолаты ахуырдзаутæ, стæй сомихаг æхсæнад «Эребуни»-йы минæвæрттæ
Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары уыд, Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонимæ баст мадзал. Арæзт æрцыд æртыккаг хатт. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Æрыдоны районты скъолаты ахуырдзаутæ, стæй сомихаг æхсæнад «Эребуни»-йы минæвæрттæ. Сывæллæттæ бакастысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ. Мадзалы дыккаг хайы та рæзгæ фæлтæрæн сарæзтой викторинæ. Фæрстытæ баст уыдысты Ирыстоны историимæ, Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ æмæ Нарты кадджытимæ. Жюри аргъ кодта мадæлон æвзагыл æххæст дзуæппытæн æмæ сæ хæрзхъæддзинадæн. Ахæм мадзæлттæн ис стыр ахуырадон нысаниуæг. Арæзт цæуынц ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн æмæ йæ парахат кæнынæн.




