филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:08 вторник, 03 ноября 2026
15 мая 2024, 11:39
Мæздæджы арæзт æрцыдысты Цæгат кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ эстетикон гимнастикæйæ

Ерысты архайынмæ æрбацыдысты 8 горæты минæвæрттæ Уæрæсейы 4 субъектæй

Мæздæджы арæзт æрцыдысты Цæгат кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ эстетикон гимнастикæйæ. Ерысты архайынмæ æрбацыдысты 8 горæты минæвæрттæ Уæрæсейы 4 субъектæй, — æдæппæтæй 150 адæймаджы. Дыууæ боны гимнасткæтæ ерыс кодтой алы кары категориты. Жюрийы уæнгтæ кастысты техникæмæ, артистизммæ, стæй гимнасткæтæ иумæ куыд архайынц, уымæ. Се ппæт командæтæ дæр равдыстой хорз спортивон цæттæдзинад. Эстетикон гимнастикæ у спорты рæсугъддæр хуызтæй иу. Уымæ гæсгæ трибунæтæ кæддæриддæр вæййынц йедзаг.  Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты фыццаг бынат бацахста командæ «Аланочкæ» Мæздæгæй. Уымæй дарддæр алы кары категориты уæлахиздзаутæ систы Кæсæг-Балхъары, Стъараполы крайы æмæ Хуссар Ирыстоны командæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania