Турнир ацæудзæн Бакуйы, 20-26 майы
Гобаты Артем, Багаты Арслан æмæ Дзæгъиаты Сослан архайдзысты Европæйы фыццаг бынат бацахсыны ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Турнир ацæудзæн Бакуйы, 20-26 майы. Не мзæххонтæ бацыдысты Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ. Æдæппæтæй нæ бæстæйы кад хъахъхъæндзысты 10 богалы. Беслæны та арæзт æрцыдысты фыццаг бынат бацахсыны республикон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. 140 архайæджы 10 уæзы категорийы. Ерыс кодтой, 24 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Турнир арæзт уыд, федералон проект «Спорт — царды нормæ» æххæст кæнгæйæ, æмæ баст уыд Олимпаг Хъæзтыты дыууæ хатты призер, дунейы 4 хатты чемпион Кудухты Бесикы ном арынимæ. Уæззау уæзы категорийы уæлахиздзау сси Хынцæгты Марат. Рог уæзы та рамбылдтой Бæтæгаты Сослан æмæ Гобозты Тамерлан. Æрыгон спортсментæн ацы турниры уæлахиз дæтты Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты архайыны фадат. Уый та у стыр спортмæ фæндаг.




