филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:30 суббота, 31 января 2026
24 мая 2024, 11:38
Афæдзы дæргъы нæ къухы цы бафтыд, уыцы æнтыстдзинæдæ сты нæ иумæйаг куысты бæрæггæнæнтæ – Сергей Меняйло

Республикæйы разамонæг бæстон æрлæууыд цардаархайды фарстатыл

Афæдзы дæргъы нæ къухы цы бафтыд, уыцы æнтыстдзинæдæ сты нæ иумæйаг куысты бæрæггæнæнтæ – загъта Сергей Меняйло йе рвылазон доклады. Республикæйы разамонæг бæстон æрлæууыд цардаархайды фарстатыл. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй регион хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы паддзахадон программæтæ æххæст кæныны, цæрæнуæтты арæзтады, стæй  æнтыстджынæй здахы хицæн адæймæгты капиталтæ бынæттон экономикæмæ. Уымæй дарддæр Цæгат Ирыстоны гом кæнынц ног объекттæ, аразынц куысты бынæттæ, æххуыс кæнынц бирæсывæллонджын бинонтæн æмæ афтæ дарддæр. Нæ республикæйы минæвæрттæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдонæн сæ фылдæры схорзæхджын кодтой паддзахадон хæрзиуджытæй, цыппарæй та систы Уæрæсейы Хъæбатыртæ. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ, республикæйы хицауад, йæ бон куыд у, афтæ архайы, хæстонтæн æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнын. Æрмæст фарон, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтæн бафыстой иу хатты фиддонтæ – 500 милуан сомы. Уымæй дарддæр республикæ фæллойы министрадмæ арвыста курдиат, цæмæй саразой хæстон цауты инвалидты æмæ ветеранты реабилитацийы центр. Хъæрмæдоны, зæронд санаторийы бынаты сараздзысты курорты поселок. Ресубликæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй арæзтады рæстæг æххæст кæндзысты æдасдзинады домæнтæ — цæст дардзысты æрдзы процессттæм, стæй экологон уавæрмæ. Проектмæ æрбаздахдзысты хицæн адæймæгты инвестицитæ, фæндзай миллиард сомы.  Горæт спутник фæзындзæнис Дзæуджыхъæуы цæгатварс, Теркмæ ввахс. Йæ  фæзуат уыдзæнис 280 гектары æмæ дзы уыдзæнис нырыккон цæрæнуæттæ, æхсæнадон бынæттæ, цъæх территоритæ æмæ афтæ дарддæр. Ныхас цыдис Мамысоны курорты арæзтадыл дæр. Фидæны курорт ратдзæнис 3 мин куысты бынаты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania