филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:24 суббота, 31 января 2026
28 мая 2024, 12:12
Сергей Меняйло цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министадæн бахæс кодта, радон хъармгæнæн сезонмæ активонæй цæттæ кæнын райдайын

Ууыл æрныхас кодтой æрвылкъуырион аппаратон æмбырды

Сергей Меняйло цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министадæн бахæс кодта, радон хъармгæнæн сезонмæ активонæй цæттæ кæнын райдайын. Ууыл æрныхас кодтой æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй æнæмæнг хъæугæ мадзæлттæ райдайын хъæуы рагагъоммæ, цæмæй къуырццæвæнмæ ма рцæуой, уый тыххæй. Уымæй уæлдай, транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы Комитетæн бахæс кодтой, «Беслæн-Дзæуджыхъæуы» кæройнаг маршрутыл камерæтæ сæвæрын. Афтæмæй хъуамæ цæстдард цæуа уавæрмæ, цæмæй автобусты куыст къуылымпы ма кæна, уый тыххæй. Комиеты сæрдар Солиты Тариэлы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ транспортимæ къуылымпыдзинæдтæ нæй. Æмбырды ныхас цыди национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзыныл дæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania