филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:24 суббота, 31 января 2026
29 мая 2024, 12:10
Фыццаградон проект «Горæты æнцонвадат архайд» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл ныхас цыд ведомствоты хсæн республикон къамисы æмбырды

Амыдта йæ Дзанайты Барис

Фыццаградон проект «Горæты æнцонвадат архайд» куыд æххæстгонд цæуы, ууыл ныхас цыд ведомствоты хсæн республикон къамисы æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Премьер-министр се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, фæстаг æртæ азмæ федералон æххуысы фæрцы Цæгат Ирыстоны территорийы сарæзтой æмæ саив кодтой, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм дæсгай объекты. Ацы аз ма нысан кæнынц базилын 39 территоримæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн радзырдта, регионалон проект «Горæты æнцонвадат архайд» республикæйы территорийы куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй. Ацы аз фæнд кæнынц 37 æхсæнадон æмæ дыууæ кæрты территоримæ базилын. Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цæуынц æппæт фæзты дæр. Æмбырды ма æркастысты æмæ сфидар кодтой, конкурсы архайынмæ курдиæттæ 2025-æм азмæ. Уыдонмæ гæсгæ базилдзысты Алагиры, Беслæны æмæ Мæздæджы объекттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania