Республикæйы уазджытæн фадат ис рагон аргъуантæ, моладзандонтæ æмæ дзуары бынæттæ фенынæн
Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй рæзы туризмы къабаз. Уыимæ арæзт цæуынц ног маршруттæ, цæмæй уазджыты базонгæ кæной нæ æрдзы рæсугъддзинадмиæ, æгъдæуттæ æмæ традицитимæ. Афтæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи дæр бацæттæ кодта сæрмагонд туртæ Ирыстоны сыгъдæг бынæттæм. Республикæйы уазджытæн фадат ис рагон аргъуантæ, моладзандонтæ æмæ дзуары бынæттæ фенынæн. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Чырыстон диныл хæст адæмæн арæзт туристон туртæ хорз фадат сты сæйраг чырыстон бынæттæ фенынæн. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи ныр 2 азы бæрц республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты зонгæ кæны Ирыстоны кувæн бынæттимæ. Ис цалдæр маршруты. Адæмæн дзурынц аргъуанты историйы, дзуары нывты æмæ дзуæртты царды æмæ архайды тыххæй.
Æппæтæй парахатдæр маршрут цæуы нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты моладзандонты, Алагиры æмæ Нузалы аргъуантыуылты. Æрдзы рæсугъддзинад æмæ уды хъæздыгдзинад. Уый разæнгард кæны адæмы ногæй ацы бынæттæм æрбацæуынмæ. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи аразы хæрзаудæн туртæ дæр сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн æмæ педагогтæн. Сылгоймæгты моладзандоны ма самал кодтой сæрмагонд бынат. Уым турты архайджытæн гæнæн ис цалдæр бонмæ æрлæууын.
Ацы туртæ сæрмагондæй сахуыр кодтой гидты къорд – 30 адæймагæй фылдæры. Ахуыр кодтой аргъуанты, дины кусджыты æмæ фрескæты авторты истори. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим куыд загъта, афтæмæй ахæм курсытæ гидтæн арæзт цæудзысты фидæны дæр.
Цæгат Ирыстоны туризмы къабаз азæй азмæ рæзы. Уыимæ та парахатдæр кæнынц чырыстон диныл хæст адæмæн арæзт экскурситæ.




