11 июня 2024, 12:08
Цæгат Ирыстоны 4-æм хат фæд-фæдыл арæзт æрцыди марафон «Богал»
Ацы хатт сæ хъару бавзарынмæ æрбацыди Цæгат Ирыстоны æмæ бæстæйы иннæ регионтæй 200 спортсменæй фылдæр
Цæгат Ирыстоны 4-æм хат фæд-фæдыл арæзт æрцыди марафон «Богал». Ацы хатт сæ хъару бавзарынмæ æрбацыди Цæгат Ирыстоны æмæ бæстæйы иннæ регионтæй 200 спортсменæй фылдæр. Фыццаг бон уал тезгъо кодтой Сапицкийы парчы, уый фæстæ æххæст кодтой алыхуызон спортивон фæлтæрæнтæ. Иннæ бон та атлеттæ дугъы ацыдысты 25 километры, æмæ афтæмæй сæххæст кодтой стыр марафон. Дугъ райдыдта Дзуарыхъæуы цурæй. Марафоны архайджыты хъуыди Фыййагдонмæ схæццæ уæвын. Уæлахиздзаты схорзæхджын кодтой æхцайы призтæй. Марафоны архайыны фадат уыди кæй фæндыд, уыдонæн се ппæтæн дæр.