филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 среда, 17 декабря 2025
19 июня 2024, 11:38
Дзанайты Барис архайдта, Цæгат Кавказы федералон зылды æдасдзинады фарстаты, коррупцийы ныхмæ æмæ барад хъахъхъæныны координацион советы æмбырды

Амыдта йæ Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта, Цæгат Кавказы федералон зылды æдасдзинады фарстаты, коррупцийы ныхмæ æмæ барад хъахъхъæныны координацион советы æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка. Стыр æргом аздæхтой транспортон комплексы объектты терроризмы ныхмæ хъахъхъæнынадмæ, стæй терроризмы æмæ экстремизмы ныхмæ иумæйаг архайдмæ. Æмбырды архайдтой федералон зылды субъектты разамонджытæ, мидхъуыддæгты сæйраг управленийы хицау Цæгат Кавказы федералон зылды Сергей Бачурин, национ гвардийы æфсæдты командæгæнæг Сергей Захаров, æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Юрий Чайка куыд загъта, афтæмæй ацы темæтæ сты уæлдай ахсджиаг сæрмагонд æфсæддон операцийы уавæрты. Уымæн æмæ фæзынынц тæссаг уавæртæ, бæлвырддæр та – транспортон комплексы объектты æмæ информацион тыгъдады. Президенты æххæстбарджын минæвар ма фехъусын кодта, ахсджиаг кæй у ног тактикон куысыл архайын.Ома раздæры системæтæм хъæуы ивддзинæдтæ хæссын. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ Юрий Чайка бæрнон кусджытæн радта бæлвырд амынддзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania