филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:44 суббота, 31 января 2026
19 июня 2024, 11:40
Дзæуджыхъæуы Байаты Чермены уынджы кæронмæ æрхæццæ сты æнцойгæнæн къул сæрдыны куыстытæ

Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы фехъусын кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав

Дзæуджыхъæуы Байаты Чермены уынджы кæронмæ æрхæццæ сты æнцойгæнæн къул сæрдыны куыстытæ. Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы фехъусын кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Къулы фæзуат у 100 квадратон метры. Амад у дур æмæ агуырдурæй. Горæт аразджытæ ахæм конструкци хонынц «византийаг». Дзæуджыхъæуы цæрджытæн та у 19-æм æнусы хуымæтæг дзæуджыхъæуккаг амад. Дзуапп дæтты горæты хуызæн æмæ атмосферæйæн. Терчы былгæрон аивгæнæн куыстытæн райдыдта сæ дыккаг къæпхæн. Æдасдзинады домæнтæ хынцгæйæ, къулы уæлæ сæвæрдтой хæцæнтæ. Фидæны та ацы ран фæзындзысты стилизацигонд рухсгæнæнтæ. Æхсæнадон территорийы аивгæнæн куыстытæ цæуынц, национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты тыгъдады» федералон программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania