филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:32 суббота, 28 сентября 2024
20 июня 2024, 12:22
Цæгат Ирыстоны хæхты ракалдтой цымыдисаг зайæгойтæ – рододендронтæ

Зæгъæн ис, æмæ æмбæлынц æрмæстдæр Цæгат Кавказы бæрзонд рæтты, денджызы æмвæзадæй 3 мин метры бæрзонддæр

Цæгат Ирыстоны хæхты ракалдтой цымыдисаг зайæгойтæ – рододендронтæ. Зæгъæн ис, æмæ æмбæлынц æрмæстдæр Цæгат Кавказы бæрзонд рæтты, денджызы æмвæзадæй 3 мин метры бæрзонддæр. Йæ дидинджытæ ракалынц дыууæ къуыримæ. Уыцы рæсугъддзинад фенын бантыст не сфæлдыстадон къордæн дæр, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Боны хъæды ивддзинæдтæ æмæ  сæ дурджын зæхх  нæ хъыгдарынц. Урс гауыз, цыма йыл мингай алыхузон фæрдгутæ акалдæуыд, афтæ айтыхта йæхи бæрзонд хæхтыл. Кавказы рододендрон фенынмæ Цæгат Ирыстонмæ цæуынц адæм нæ бæстæйы алы рæттæй.

Рододенрон ахсы Стыр æмæ чысыл Кавказы хæхты территори. Æмбæлы Цæгат Ирыстоны  æппæт кæмтты. Уарзы уымæл æмæ сатæг бынæттæ. Зайы дæнджызы æмвæзадæй 3 мин метры бæрзонддæр рæтты. Æрдзы диссаджы урс фæзынд. Æнусты сæсæгдзинæдтæ хъахъхъæнæг.  Кавказаг рододендрон зæххы къорийы фæзынд цалдæр милуан азы размæ.

Цæгат Ирыстоны зайы æрмæстдæр 2 хуызы ныллæг зайæг дидинæгкалæг къутæртæ. Хæхты фенæн ис бур рододендрон. Хонынц ма йæ азалия. Йæ дидинджытæн сæ уынд – зардæмæдзæугæ, фæлæ сты маргджын. Урсытæй  кæнынц хос зæрдæйы низтæ дзæбæхгæнынæн. Ацы дидинæгджын къутæртимæ баст сты бирæ историтæ. Уыдонæй алкæцы дæр дисы æфтауы æмæ хъахъхъæны ивгъуыд æнусты сусæгдзинæдтæ. Иу таурæгъмæ гæсгæ, раджы бынæттон цæрджытæ йын сыгътой йæ сыфтæ. Куы-иу сулæфыдысты уыцы арты фæздæгæй, уæд-иу афынæй сты. Адæм æууæндыдысты, афтæмæй кæй фендзысты, фидæны сыл цы цаутæ æрцæудзæн, уыдон. РододЕндрон дидинæгкалгæйæ фæнен ис стæм хатт. Адæм æрдзы рæсугъддзинадыл бацин кæнынц Цæгат-Ирыстоны фæдзæхст бынат «Заповедная Осетия-Аланийы»-йы кусджыты руаджы.

Рододендрон калы рæсугъд дидинджытæ. Иугæйттæй йæ нæ фендзынæ. Йæхи рæгътыл атухы, урс æмæ бур гауызтау. Рододендронтæ – Ирыстоны рæсугъд æрдзы хай, йæ хъæздыгдзинад æвдисæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania