филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:31 суббота, 28 сентября 2024
20 июня 2024, 12:24
Адæмон хæдзарады æнтыстдзинæдты фæзуаты Æппæтадæмон форум-равдыст «Уæрæсе»-йы цæуынц алыхуызон мадзæлттæ

Баст сты, фонд «Алцыдæр Уæлахизæн»-ыл 2 азы кæй сæххæст, уыимæ

Адæмон хæдзарады æнтыстдзинæдты фæзуаты Æппæтадæмон форум-равдыст «Уæрæсе»-йы цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Баст сты, фонд «Алцыдæр Уæлахизæн»-ыл 2 азы кæй сæххæст, уыимæ. Цæгат Ирыстоны делегаци дзы сарæзта брейн-ринг. Интеллектуалон хъазты фæрстытæ баст уыдысты сæрмагонд æфсæддон операциимæ. Хъазт саразыны хъæппæрис разынд йæ амонæг, Адæмон фронты регионалон штабы уæнг, стæй интеллектуалон клуб «Альбус»-ы президент Жанна Бориева. Брейн-рингы архайджытæ активонæй æвдыстой сæ зонындзинæдтæ, æмæ командæйы архайын сæ бон куыд у, уый. Фонд «Алцыдæр Уæлахизæн» арæзт æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, æмæ арæнтæм хæстæг регионты цæрджытæн æххуысы тыххæй. Адæмон фронты уæнгтæ алы хатт дæр сæхæдæг баласынц æппæт æмбæлгæ фæрæзтæ бынатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania