филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:10 воскресенье, 01 февраля 2026
01 июля 2024, 12:17
Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадæн райдыдта йе ртыккаг къæпхæн

Проектмæ хаст æрцыд æртæ æмвæзады фæндаджы

Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадæн райдыдта йе ртыккаг къæпхæн. Проектмæ хаст æрцыд æртæ æмвæзады фæндаджы. Уыдонæй та уыдзæн авд рацæуæны. Уæвгæ ног фæндаг уыдзæн цыппаррæнхъон. Асфальт ыл æвæрынц æртæ уæлцъарæй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ специалисттæ хынцынц экологон домæнтæ, кæнынц уæззау технологон куыстытæ. Фæндаг æххæстæй арæзт фæуыдзæн 2026-æм азы.

15 километры уыдзæн Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы дæргъ. Йæ арæзтад цæуы æртæ къæпхæнæй. Фыццаг дыууæ ныридæгæн кæронмæ æрхæццæ сты 80% онг. Асфальт æвæрынц æртæ уæлцъарæй. Фæндаджы бындуры сæрмагонд хыз æвæрд. Афтæмæй райдыдта куыстыты æртыккаг къæпхæн. Техникæйы 80 машинæйы æмæ 150 специалисты алы бон дæр фæллой кæнынц ног фæндаджы алы уаццаджы. Монтажгонд æрцыдысты инженерон коммуникацитæ æмæ хайгай сæвæрдтой рухсгæнæнтæ. Ивгъуыд аз та ма сарæзтой ног хид.

Проектмæ гæсгæ объекты уыдзæн æртæмвæзады фæндаг, уырдыгæй уыдзæн авд рацæуæны. Уæвгæ та фæндаг уыдзæн цыппаррæнхъон. Объекты кусынц дыууæ сæрмагонд машинæйы. Уыдон æвæрынц михтæ фидæны фæндагæн. Куыст у зын, æмæ домы стыр фæлтæрддзинад. Ахсджиаг у æппæт лыстæг хъуыддæгтыл дæр бакусын.

Проект аразджытæ уæлдай æргом аздæхтой экологон домæнтæм. Фæндаджы дæргъы сæвæрдзысты аст сыгъдæггæнæн кусæнгарзы. Ныртæккæ дзы цæуынц монтажгæнæн куыстытæ. Уырдæм цæудзæн тад дон. Йæ ныссыгъдæг кæныны фæстæ та цæудзæн хæстæгдæр доны объектмæ. Уыцы инженерон уынаффæмæ гæсгæ дон фæндагыл не мбырд кæндзæн.  Иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад райдыдта 2021-æм азы. Проектмæ гæсгæ райдадйзæн Архонкæмæ фæндагæй. Цæудзæн Алагирмæ уаццагыл, стæй уæд дарддæр Московскийы соса фæндагыл, Дзæуджыхъæуæй рацæуæны. Уый фадат ратдзæн стыр уæзласæн транспорты тагъддæры цыдæн, æмæ фæрогдæр кæндзæн фæндæгты уавæр.

Фæндаггон агентады филиалы разамынд куыд фехъусын кодта, афтæмæй куыстытæ цæуынц нысангонд фæткæй раздæр. Хъуамæ егъау объекты арæзтад фæуа 2026-æм азы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania