филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:24 суббота, 31 января 2026
08 июля 2024, 12:05
Кировы районы уыд Парламенты Советы цæугæ æмбырд

Парламентаритæ фембæлдысты амалхъом адæмимæ, бабæрæг кодтой фермерон хæдзарæдтæ æмæ Кæрдзыны амбулатори, стæй Елхоты скъола

Кировы районы уыд Парламенты Советы цæугæ æмбырд. Йæ программæ уыди ахадгæ. Парламентаритæ фембæлдысты амалхъом адæмимæ, бабæрæг кодтой фермерон хæдзарæдтæ æмæ Кæрдзыны амбулатори, стæй Елхоты скъола. Цавæр фарстатæ сты æппæтæй ахсджиагдæр æмæ закъондæттæг оргæнтæ районы цæрджытæн бæлвырд æххуыс цæмæй бакæндзысты, уый базондзыстæм нæ дарддæры æрмæгæй. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Амалхъом адæймаг Хъыбызты Сергей 2021-æм азы рамбылдта грант «Агростартап». Йæ фермерон хæдзарадмæ балхæдта 16 стуры. Абон та дзы ис 47 стуры. 3 азы дæргъы йæ бизнес активонæй рæзы. Ам алы бон дæр кæнынц 50 кг ирон цыхт. Афæдзмæ уый у 15 тонны. Парламенты Советы цæугæ æмбырды фæлгæты хæдзарад бабæрæг кодта Тускъаты Таймураз. Аныхас кодта фермеримæ.

Парламентаритæ бабæрæг кодтой Кæрдзыны амбулатори дæр. Байгом æй кодтой æртæ азы размæ. Кусджыты нымæц дзы бирæ нæу: терапевт, акушер, фельдшер æмæ медицинон хо. Иу радмæ балæггад кæнын сæ бон у 50 адæймагæн. Æдæппæтæй та медицинон куыстуат лæггад кæны 2 мины æмæ 5 сæдæ адæймагæн. Тускъаты Таймуразæн радзырдтой амбулаторийы куысты тыххæй. Кусджытимæ аныхасгæнгæйæ, Парламенты сæрдар радта йæхи амынддзинæдтæ.

Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Елхоты 3-æм скъола дæр. Советон Цæдисы хъæбатыр Карсанаты Хъазыбеджы номыл ахуыргæнæндонæн бындур æвæрд æрцыди 1927-æм азы. Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты йæ райхæлдтой æмæ йын йæ бынаты 2018-æм азы сарæзтой ног бæстыхай. Ис дзы 360 бынаты, фæлæ дзы ахуыр кæны 419. Фарон 9-æм къласы ахуырдзаутæн байгом кодтой психологон-педагогон профориентацион кълас. Ацы аз та бындур æвæрд æрцыди кадетон къласæн. Скъолайы разамынд фидæны фæнд кæнынц медицинон кълас байгом кæнын дæр. Уымæй уæлдай, ам ис театр, точка роста, шахмæтты секци, балалайкæйыл цæгъдыныл кæм ахуыр кæнынц, ахæм æмæ зарæггæнджыты къордтæ.

Парламенты цæугæ æмбырды фæлгæты Кировы районы бынæттон администрацийы депутаттæ фембæлдытсты бынæттон амалхъом адæмимæ. Дзырдтой базарадон-промышленнон къабазы хъомысыл, бынæттон туризмы рæзтыл, хæххон территоритæй ахадгæйæ пайда кæныныл æмæ фосдарынадыл. Æрныхас кодтой Даргъ-Къохы скъола бындуронæй цалцæггæнинаг кæй у, ууыл дæр. Бæстыхай арæзт æрцыди 20-æм æнусы райдиан. Социалон-экономикон рæзты хатдзæгтыл æмæ национ проекттæ Кировы районы территорийы куыд æххæстгонд цæуынц, ууылд ныхас цыди Парламенты уæрæхгонд æмбырды. Фарон муниципалон сконды æфтиæгтæ уыдысты 665 милуан сомы, хæрдзтæ та 4 милуаны къаддæр. Регистрацигонд сты чысыл амалхъомдзинады 1000 субъектæй фылдæр.  Бизнес районы экономикæмæ хæссы йæхи вæрæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania