филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:19 суббота, 31 января 2026
09 июля 2024, 11:40
Йæ куыст фæци Фермерты скъолайы фыццаг фæлтæрæн

Ахсджиаг зонындзинæдтæ дзы лæвар райстой 30 адæймаджы

Хъæугæ зонындзинæдтæ йæ бизнесы рæзтæн райста Парсиаты Руслан. Хæххон паддзахадон аграрон университеты студент ахуыр дæр кæны æмæ у фермерон хæдзарады фæлтæрдджын разамонæг дæр. Бирæ азты дары фос. «Фермеры скъола»-йы цы зонындзинæдтæ райста, уыдоны руаджы бакуыста йæ бизнес фæуæрæхдæр кæнынæн бæлвырд планыл.

Амалхъом адæмæн проекты архайд фидæны сæ куыстуæттæ рæзтыл хорзырдæм кæй фæбæрæг уыдзæн, уый раиртæста Тауаситы Маринæ. Йæхæдæг у кухъæй конд шоколады рауагъдад саразæг. Маринæйы фæнды, цæмæй йæ куыстуаты продукци æрмæст адджын ма уа, фæлæ уа ахъазаг. Маринæ фидæны йæ куыстуаты фæнд кæны биотехнологитæй спайда кæнын.

Амалхъом адæм-иу цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон-иу сфидар кодтой практикон æгъдауæй. Амыдтой сын агропромышленон комплексы бизнесы æнтыстджын рæзты сусæгдзинæдтæ. Ахуырадон программæмæ хаст æрцыдысты финансон зонындзинæдтæ дæр.

Афтæмæй йæ куыст фæци ахуырдзауты фыццаг фæлтæрæн. Ахсджиаг зонындзинæдтæ дзы лæвар райстой 30 адæймаджы. Амалхъом адæм базыдтой сæ бизнес уæрæхдæр кæнынæн ног мадзæлттæ. Ныр уыдон нæ республикæйы аграрон къабазæн суыдзысты йæ фидар бындур. Азæй азмæ хъæууон хæдзарадмæ дард цæуы фылдæр цæстæнгас. Фермерты скъола у Цæгат Ирыстоны аграрон комплексы рæзтæн хорз фæрæз. Специалисттæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ фидæны дæрддæр дæр нæ республикæ архайдзæн ацы федералон проекты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania