Марафоны архайджытæ райстой уникалон зонындзинæдтæ, æмæ æрмæст уый нæ
Ахуырадон марафон «Æхсæнад «Знание»-йы бон» арæзт æрцыди центр «Вершина»-йы. Уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг историйы цавæр мифтæ ис, æхсæнады хсæн раздзог суæвын, литературæ гуманитарон наукæты системæйы цавæр бынат ахсы, стæй цы у æрхъуыдыгонд интеллект? Ууыдоныл æмæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы лектортæ. Республикæйы æппæт районтæй 7-æм 9-æм кълæсты ахуырдзаутæн цымыдисаг дзуæппытæ радтой сæ фæрстытæн. Марафоны архайджытæ райстой уникалон зонындзинæдтæ, æмæ æрмæст уый нæ. Ерыс кодтой æхсæнад «Знание»-йы Кубок рамбылыныл. Интеллектуалон ерысты фæуæлахиз командæ «Бæстæзонынад». Уымæй уæлдай, марафоны æппæтæй активондæр архайджытæн радтой сæрмагонд призтæ – уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы лæвæрттæ.




