22 июля 2024, 11:41
Олимпаг резервы скъолайы ныртæккæ цæуы цæттæгæнæн куыст
Уæрæсейы фæсивæдон иугонд командæ дзы йæхи цæттæ кæны фыццаг бынат бацахсыны дунеон ерыстæм уæгъдибар хъæбысхæстæй, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппуты хсæн
Андиаты Сосланы номыл олимпаг резервы скъолайы ныртæккæ цæуы цæттæгæнæн куыст. Уæрæсейы фæсивæдон иугонд командæ дзы йæхи цæттæ кæны фыццаг бынат бацахсыны дунеон ерыстæм уæгъдибар хъæбысхæстæй, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппуты хсæн. Ерыстæ ацæудзысты августы Иорданийы. Дæс адæймаджы нæ бæстæйы алы регионтæй равзæрстой иугонд командæмæ. Се хсæн æртæ спортмены Цæгат Ирыстонæй. Æрыгон хъæбысæйхæцджытæн разамынд дæттынц фæлтæрдджын тренертæ. Иумæ архайынц ууыл, цæмæй не спортсментæ равдисой иттæг хорз цæттæдзинад æмæ тырной æрмæстдæр уæлахизмæ.
темæмæ гæсгæ




