филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 среда, 17 декабря 2025
25 июля 2024, 13:08
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд  уадзæн пункт Уæллаг Ларсы уавæрыл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ацы ведомствоты æнгом æмархайдæй аразгæ у контролон-уадзæн пункты æнæрлæугæ куыст

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд  уадзæн пункт Уæллаг Ларсы уавæрыл. Фембæлды архайдтой хицауады сæрдар Дзанайты Барис, вице-премьер Томайты Ирбег, транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы Комитеты сæрдар Солиты Тариэль, фæндаггон змæлд аразæг Центры хицау Быгъдаты Ацæмæз, мидхъуыддæгты министрады, æдасдзинады федералон, арæнхъахъхъæнæн æмæ таможняйы службæты минæвæрттæ. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ацы ведомствоты æнгом æмархайдæй аразгæ у контролон-уадзæн пункты æнæрлæугæ куыст. Ныртæккæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыйы хсæн паддзахадон арæныл алы бон дæр ацæуы 500 уæзласæн машинæйы, æрбацæуы 550. Уый та дзурæг у, æмæ транзитон транспорт Цæгат Ирыстоны кæй æрæмбырд вæййы, æмæ æрлæууæн бынæттæ кæй байдзаг кæны, ууыл. Фæндаггон змæлд аразæг центры хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты мадзæлттæ, электрон рады системæйы куысты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны тыххæй. Бæлвырддæр та – Дзæуджыхъæуæй – Дæллаг Ларсы æмæ Гурыдзыйы арæны хсæн рады лæууæн пункт  22-æм километрæй раивтой фæндаджы 23-æм километрмæ. Фæлæ фæстаг рæстæг системæ райдыдта къуылымпытимæ кусын. Республикæйы разамонæг æмбырды уæвджытæн загъта, уавæр цыбыр æмгъуыдмæ банывыл кæнын. Уый тыххæй та хъæуы электрон рады рагагъомæ бафыст æрлæууын кæнын. Дыккаджы та æрлæууæн бынæтты машинæтæ хъуамæ æвæрой таможняйы кусджыты курдиатмæ гæсгæ. Системон фарста хъæуы системæмæ гæсгæ лыг кæнын, – загъта Сергей Меняйло.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania