филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:28 вторник, 16 декабря 2025
30 июля 2024, 12:19
Цæгат Ирыстоны скъолатæм балæвæрдтой 7 мины 500 курдиаты, фыццаг къласмæ райсыны тыххæй

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Цæгат Ирыстоны скъолатæм балæвæрдтой 7 мины 500 курдиаты, фыццаг къласмæ райсыны тыххæй. Сывæллæтты рæвдауæндæттæм та 4 мины 500 курдиаты. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Сергей Меняйло бадомдта, цæмæй рæвдауæндæтæм рад ма уа, уый. Уымæй дарддæр ахуыры азы райдиан уæлдай æргом аздахын хъæуы зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæм. Æмбырды ма вице-премьер Платы Альбинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз Цæгат Ирыстоны фыццæгæмкъласонтæ республикæйы разамонæджы традицион лæвæрттæ райсдзысты национ стилы. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды республикон упарвленийы специалисттæ аппартаон æмбырды фехъусын кодтой – Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæр зæрдæхсаинаг нæу. Ивгъуыд къуырийы коронавирус рабæрæг нæ республикæйы æртæ цæрæгмæ, уыдон се ппæт дæр дзæбæх кæнынц амбулаторон уагæй. Тъæнгты низ æмæ иннæ инфекциты бæрц ивгъуыд азты бæрæггæнæтимæ абаргæйæ у зынгæ къаддæр. Ныхас цыдис хъармгæнæн сезонмæ куыд цæттæ кæнынц, ууыл дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майран куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы 105 хъармгæнæнæй зымæгмæ цæттæ сты 27.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania