Архайдтой дзы 150 шахматистæй фылдæр нæ бæстæйы алы регионтæй
Шахмæттæй Æппæтуæрæсеон ерыстæ арæзт æрцыдысты Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы 150 шахматистæй фылдæр нæ бæстæйы алы регионтæй. Турнир баст уыд зындгонд тренер æмæ педагог Николай Новогрудскийы номимæ. Ахæм егъау спортивон мадзал Ирыстоны арæзт æрцыд фыццаг хатт. Ерыстæ цыдысты дыууæ боны. Фыццаг бон шахматисттæ сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой блицы. Дыккаг бон та – рапиды. Турниры æппæт къæпхæнты хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кодтой, Уæрæсейы Кубок рамбулыны ерысты финалистты. Уыдон, традицимæ гæсгæ, ацæудзысты декабры Сочийы. Номарæн турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы ерысты фæрцы Цæгат Ирыстоны шахмæтты спорт канд парахатдæр нæ кæны, фæлæ ма республикон спортсментæн фадат дæттынц зындгонд гроссмейстертимæ æмæ мастертимæ фембæлынæн дæр.




