филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 вторник, 16 декабря 2025
08 августа 2024, 12:09
70 азы сæххæст зындгонд советон футболист, тренер, паддзахадон æмæ политикон архайæг Гæззаты Валерийыл

Спорты историмæ бацыдис, УЕФАйы кубок фыццаг чи райста, ахæм тренерæй

70 азы сæххæст зындгонд советон футболист, тренер, паддзахадон æмæ политикон архайæг Гæззаты Валерийыл. Спорты историмæ бацыдис, УЕФАйы кубок фыццаг чи райста, ахæм тренерæй. Гæззаты Валерий рамбылдта æппæты фылдæр майдантæ Уæрæсейы спорты историйы. Футболы æмæ спорты райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй Гæззаты Валерий хорзæхджынгонд æрцыд Хæлардзинады Орденæй æмæ Кады Орденæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

1995-æм азы сезон Ирыстоны футболуарзджытæн сси историйы хуыздæр. Уыцы аз командæ «Спартак-Алания» сæйраг тренер Гæззаты Валерийы разамындæй сси бæстæйы чемпион. «Барстæ» æвдыстой æцæг футболы рæсугъддзинад, агрессивон прессинг æмæ хъазты размæбырсæг стиль ракодта клуб таблицæйы раззагдæр позицимæ. Чемпионаты кæронмæ нырма иу тур куы уыд, уæд «Спартак-Алани»-йæн бантыст ЦСКА-йыл фæуæлахиз уæвын, афтæмæй æмгъуыды агъоммæ сси чемпион. Клубы раздæры æрдæгхъахъхъæнæг Джиоты Инал хъуыды кæны, уæд Гæззаты Валерийы тактикон уынаффæты фæрцы командæйæн бантыст размæ рацæуын.

Гæззаты Валерий сси Ирон футболы стилы бындурæвæрæг. Ахæмæй ахадгæйæ пайда кæнынц дунейы алы клубтæ. Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ  «Алани»-йæн систы сыгъзæрин. Чемпионаты уæлахиз, Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты æвзист майдан, еврокубокты турнирты архайд. Командæ «Спартак-Алани»» 4 сезоны хъазыд УЕФА-йы кубокы. Гæззаты Валерийæн цытджын ахаст уыд командæйы 12-æм уæнгмæ дæр – футболуарзджытæм. Уыдон стыр аргъ кодтой клубы стилæн.

Клубы раздæры æрдæгхъахъхъæнæг Пагæты Артур куыд зæгъы, афтæмæй тренер Гæззаты Валерий семæ карзæй куыста. Алкæддæр зыдта, алы футболистæн цавæр ныхæстæ зæгъын хъæуы æмæ йæ куыд сразæнгард кæнын хъæуы, уый. Пагæты Артур рæзгæ фæлтæры хъомыл кæны сывæллæтты академи «Алани»-йы. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын Гæззаты Валерий цы зонындзинæдтæ радта, уыдон ын ныр æххуыс кæнынц сывæллæттимæ куысты.

Гæззаты Валерий ма уыд, мæскуыйаг «Динамо»-йы, Уæрæсейы фæсивæдон æмæ иугонд командæты, ЦСКА-йы  сæргъы. Æнæмæнг «æфсæддонтимæ» йæ къухы бафтыдысты тренеры æппæт сгуыхтдзинæдтæ. Йæ разамындæй клуб сси Уæрæсейы чемпионаты 3 хатты уæлахиздзау, бæстæйы Кубок 4 хатты æмæ 2005-æм азы УЕФА-йы кубокы рамбулæг. Уыцы сезоны Гæззаты Валерий райста сæрмагонд хæрзиуæг «Афæдзы тренер», Европейаг футболон ассоциацийы нымадмæ гæсгæ. Ныртæккæ дæр, раздæрау, Гæззаты Валерий футболмæ йæ цæст дары. Йæ ныхасæн ын аргъ кæнынц, æмæ йæм æрхъусынц.

2016-æм азы Гæззаты Валерий æвзæрст æрцыд Паддзахадон Думæйы депутатæй. Профилон комитеты хъахъхъæдта уæрæсейаг спорты  кад. Ныртæккæ юбиляр фылдæр рæстæг æрвиты йæ бинонтимæ, стæй активонæй.

Йе 70 азы юбилей зындгонд тренер бæрæг кæны бинонтимæ æмæ хиуæттимæ. 30 азы бæрц снывонд кодта Ирыстоны æмæ Уæрæсейы футболæн. Гæззаты Валерий Уæрæсейы футболы историйы йæ ном бафыста сыгъзæрин дамгъæтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania