филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:19 суббота, 31 января 2026
14 августа 2024, 11:32
Федералон проект «Школа мечты» æххæстгæнгæйæ сног кæндзысты 43-æм скъола æмæ 5-æм гимназ

Ног ахуыры азмæ ног цалцæгимæ. Августы кæрон Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæтты фæуыдзæн бындурон цалцæг. Федералон проект «Школа мечты» æххæстгæнгæйæ сног кæндзысты 43-æм скъола æмæ 5-æм гимназ. Баивтой дзы коммуникацитæ. 5-æм гимназы базилдзысты спортивон залмæ, хæрæндонмæ æмæ разуындмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

43-æм скъола арæзт æрцыд 1987-æм азы. 37 азмæ йæм бындуронæй иу хатт дæр зылд нæ уыд. Федералон программæ æххæстгæнгæйæ 2-æм апрелы Дзæуджыхъæуы бирæ скъолаты райдыдта бындурон цалцæг.

Бындурон цалцæг – уый æрмæст агъуыстыты цалцæг нæу, фæлæ ма нырыккон зæрдæмæдзæугæ фадæттæ аразын сывæллæтты ахуырадæн æмæ хъомыладæн. 43-æм скъола бацыд федералон проект «Школа мечты»-мæ. Йæ нысан у, скъолаты тыгъдады модернизаци, социалон-æнцонвадат уавæртæ ахуырдзаутæн, æмæ уыимæ проекттæ цæттæ кæнынмæ раздахын уæлдæр æмæ астæуккаг профилон ахуыргæнæндæтты студентты ргом. Скъолайы фидæны хуызыл бакуыстой Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студенттæ. Проекты архайдтой арæзтадон техникумы ахуырдзаутæ дæр.

5-æм гимназы райдиан скъолайы бындурон цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Баивтой æппæт коммуникацитæ – электрон тыхдæттæг телтæ, хæтæлтæ, зынгсирвæзтыты ныхмæ сигнализаци, сæвæрдтой плиткæ, хъармгæнæнтæ. Хъæуы ма байтауын линолеум æмæ сахорын къултæ фидæны архитекторты проектмæ гæсгæ.

Арæзтадон техникумы студент æмæ рауагъдон Козаты Батраз æмæ Туаты Мария бабæрæг кодтой, проект цы скъолайæн сцæттæ кодтой, уый. У сын фыццаг ахæм куыст. Бæрнонæй йæ æххæст кодтой, æмæ ныр æнхъæлмæ кæсынц хатдзæгмæ.

Фæсивæд бацæттæ кодтой æххæст проектон документаци нæ, фæлæ, зæгъæн ис, æмæ эскизон проект. Фæлæ студенттæм раздæр ахæм фæлтæрддзинад кæй нæ уыд, уый хынцгæйæ, иттæг хорз рауад, зæгъынц педагогтæ.

26-æм августы скъолаты бындурон цалцæджы фыццаг къæпхæн хъуамæ фæуа. Ног ахуыры аз ахуырдзаутæ хъуамæ райдайой ног зæрдæмæдзæугæ уавæрты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania