Ныхас цыд, бæстæйы президентимæ, Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивджытимæ, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытимæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн цы фембæлдтытæ уыд, уыдоны хатдзæгтæм гæсгæ хæслæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.
Дзанайты Барис сæрмагонд æргом аздæхта Цæгат Ирыстоны архайдмæ ног национ проектты æмæ бæстæйы райрæзты стратегион хъæппæристы. Федералон æмвæзадыл ацы фарстайыл ахадгæ куыст цæуы. Се ппæты хъæуы цыбыр рæстæгмæ анализ скæнын æмæ уыцы куысты активонæй архайын. Ныхас ма цыд Цæгат Ирыстоны райрæзты социалон-экономикон фарстатыл.
Æрдзырдтой ахуыры азы райдианмæ скъолаты цæттæдзинадыл, æфсæнвæндаджы инфраструктурæйы райрæзты фарстатыл, республикæйы дарддæры архайдыл туризмы къабазы грантон программæты, стæй ахуырадон проект «Профессионалитет»-ы. Премьер ма зæрдыл æрлæууын кодта, Федерацийы Советы Цæгат Ирыстоны бонтæм цæттæ кæныныл. Уыдзысты ацы аз октябры. Мадзал арæзт уыдзæн республикæйы 100 азы сæвзæрды æмæ Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уый 250 азы кадæн.




