Сывæллæтты скъоламæ сæмбырд кæнын æнцон нæу. Канцтовартæ, формæ, пъартфелтæ. Хæрдзтæ чысыл не сты. Фæкъаддæр сæ кæнын æххуыс кæнынц адæмон фронт æмæ Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонты иугонд. Республикæ та йæхимæ исы чингуытæй æххæст кæныны хъуыддаг. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Севастьяновты бинонты ис 6 сывæллоны. Уыдонæй цыппар сты скъоладзаутæ, иу та студент. Бирæсывæллонджын мад Ольга куыд зæгъы, афтæмæй иу сывæллоны скъоламæ сæмбырд кæнынæн хъæуы рæстæмбис 10 мин сомы. Уый бæрæг ахады бинонты бюджетыл, уымæ гæсгæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау. Ольгæйæн ис йæхи сусæгдзинæдтæ фæрæзтæ сфæстауæрц кæнын куыд ис, уыцы хъуыддаджы. Зæгъæм, иуæй-иу товартæ сзаказ кæны интернеты.
Августы скъолайы формæйы æмæ канцелярон товарты дуканиты вæййы æппæтæй фылдæр æлхæнджытæ. Кърандæстæ, фыссæнгæрзтæ, тетрæдтæ – фыццаг чи хъæуы, ахæм предметтæ. Ольга сæ упаковкæгай фелхæны. Афтæмæй асламдæр уайы. Рюкзактæ сывæллæттæн баивы 2 азы иу хатт.
Уыцы финансон уаргъ фæрогдæр кæнын æххуыс кæнынц, адæмон фронт æмæ Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонты иугонд Ирыстойнаг районы социалон лæггад кæныны комплексон центримæ иумæ. Севастьяновтæ дæр сты, æххуыс чи исы, уыцы номхыгъды. Ацы аз скъолайы формæ балхæнынæн æхцайы сертификаттæ райсдзысты республикæйы 50 бирæсывæллонджын бинонтæ. Уымæй уæлдай сæм фæкæсынц ортопедон пъартфелтæй, канцтовартæй, спортивон уæлæдарæсæй æмæ æндæр хъæугæ дзауматæй.
Уыимæ ныййарджыты нæ хъæуы æхца хардз кæнын ахуырадон литературæйыл. Скъоладзаутæн чингуытæ дæттынц лæвар. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй балхæдтой 365 мин чиныджы. Ахуыры азы райдианмæ Цæгат Ирыстоны скъолатæ æххæст уыдзысты æппæт чингуытæй.
Кæд æххуысы мадзæлттæ ис, уæддæр ахуыры азмæ сывæллоны бацæттæ кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Уымæ гæсгæ фылдæр ныййарджытæ архайынц, æппæт хъæугæ товартæ къæпхæнгай æлхæныныл.




