10 сентября 2024, 12:11
Дзæуджыхъæуы ацыд хъæууонхæдзарадон армукъа
Республикæйы цæрджытæн дзидзайы æмæ æхсыры продукци, стæй халсартæ балхæнын сæ бон уыд, чи сæ парахат кæны, уыцы куыстуæттæн сæхи æргъæй
Дзæуджыхъæуы ацыд хъæууонхæдзарадон армукъа. Йæ аразæг – профилон министрад. Республикæйы цæрджытæн дзидзайы æмæ æхсыры продукци, стæй халсартæ балхæнын сæ бон уыд, чи сæ парахат кæны, уыцы куыстуæттæн сæхи æргъæй. Базарадон – экономикон колледжы ахуырдзаутæ адæмæн бацæттæ кодтой концертон программæ. Скульптор Деметы Ибрагим та сын скодта дæсныйад æвдисæг ахуыр.
темæмæ гæсгæ




