филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 четверг, 19 сентября 2024
13 сентября 2024, 12:43
Дзæуджыхъæуы цæуынц ерыстæ фехтованийæ, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты *хсæн

Цæгат Ирыстоны командæйы ис 9 адæймаджы

50 архайæджы Уæрæсейы 11 регионæй. Дзæуджыхъæуы цæуынц ерыстæ фехтованийæ, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты *хсæн. Цæгат Ирыстоны командæйы ис 9 адæймаджы. Турнир арæзт æрцыд национ проект «Демографи» – йы  федералон проект «Спорт-царды нормæ» æххæстгæнгæйæ. Бæлвырддæр – Чехойты Фатимæ.

Кадджын уавæры паддзахадон гимны зæлтæм хъусгæйæ райдыдтой Уæрæсейы ерыстæ фехтованийæ йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты *хсæн. Мадзалы архайдтой Республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур, Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер фехтованийæ Шанаты Аидæ æмæ  йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, бæстæйы уыцы спортсменты фехтованийæйы командæйы сæйраг тренер Хасан Исмаилов.

Ерыстæ цæуынц национ проект «Демографи»-йы федералон проект «Спорт – царды нормæ» æххæстгæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы цы хъæбысхæсджыты цæттæгæнæн центр сарæзтой, уым.  Цæгат Ирыстон ныр 4-æм хатт суазæг кодта Уæрæсейы спортсменты. Уыцы рæстæгмæ Республикæйы фæзындысты парафехтованийы сæрмагонд традицитæ.

50 ерысы архайæджы дихгонд сты 2 къордыл. Иуы сты 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ, иннæйы та 23-аздзыд спортсментæ Уæрæсейы 11 регионæй. Уыдон уыцы иу рæстæг ерыс кæнынц 5 фæзыл. Æртæ боны дæргъы хæцдзысты шпагæйæ, рапирæйæ æмæ хъамайæ.

Ерысты фыццаг бон рапирæтæй хæцыдысты куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр.  Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæнынц 9 адæймаджы. Коляскæтыл фетовани хицæн спорты хуыз республикæйы фæзынд 2015 азы. Ирыстойнаг спортсментæ ныр 9 азы кусынц сæ дæсныйад бæрзонддæр кæныныл.

Мæскуыйаг Виктория Тихонова 9 азы архайы фехтованийæ æмæ æвдисы хорз бæрæггæнæнтæ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд ацы спорты хуызы ерысты архайæг бæстæйы алы регионты. Ныры турнирмæ йæхи лæмбынæг цæттæ кодта.

Ерысты архайджытæн сæ куыстуарзондзинады руаджы бантысдзæн Уæрæсейы кад бæрзонддæргæнæг ног уæлахизтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania