филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 четверг, 19 сентября 2024
17 сентября 2024, 11:05
Беслæны ацыд 1-æм скъолайы теракты 20 азы кадæн дугъ

Архайдтой дзы бæстæйы алы регионтæй 300 адæймагæй фылдæр, се хсæн сывæллæттæ дæр

Беслæны ацыд 1-æм скъолайы теракты 20 азы кадæн дугъ «Беслан. Помним». Архайдтой дзы бæстæйы алы регионтæй 300 адæймагæй фылдæр, се хсæн сывæллæттæ дæр. Маршрут арæзт уыди горæты сæйраг уынгтыл, стæй 1-æм скъолайы мемориалон комплексы уылты. Темæ дарддæр ахæццæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Егъау дугъ. Афтæ схонæн ис Беслæны цы марафон арæзт æрцыд, уый. Конд æрцыд Уæрæсейы историйы уæззау дæр терракты  20 азы кадæн. Дугъы архайджытæ сæ фæндаг ракодтой Бесланы уынгтыл, фыццæгæм скъолайы мемориалон комплексы  уылты.   Уыцы æвирхъау цауы бахауджыты æрымысынмæ æрбацыдысты бинонтæй. Се хсæн Ирина Ковтун Минводæй. Йæ цардæмбалимæ сæ сывæллæтты хъомыл кæнынц сæхи дæнцæгæй.   Йæ ныхæстæм гæсгæ иумæ фæархайынц алыхуызы мадзæлтты, фæлæ ацы дугъæн ис æндæр нысаниуæг.  

Архайдтой дзы канд хистæр кары адæм нæ, фæлæ ма сывæллæттæ дæр.  Таккæ кæстæр дугъы уайæгыл фондз азы дæр нæма цæуы.  Кæстæр спортсментæн дугъ дæргъ фæцыбырдæр кодтой. Хъуыди сæ ауайын 300 метрæй, киломентры онг стадион «Пищевик»-ы территорийыл.

Марафоны архайдта 300 атлеты Уæрæсейы 20 регионæй.  Мадзалы алы фæзилæн дæр баст уыд йæ нысанимæ. Дистанцийы астæу, цы аркæ уыд, ууыл дæр дзæнгæрæг хуымæтæджы не рцауыгътой. Йæ алы азæлдæй дæр ардтой терракты бахауджыты рухс нæмттæ. Уæдæ, мадзалы бацархайыны сæйраг домæн дæр уыд –урс футболкæйы уæвын.

Уæвгæ, дугъы бацархайын алкæйы бон дæр уыд. Кæронбæттæны та, марафоны архайджытæм æнхъæлмæ кастысты зæрдылдарæн майдантæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania