19 сентября 2024, 10:33
Дзанайты Барис схорзæхджын кодта республикæйы Хицауады премийы лауреатты фæсивæдон политикæйы къабазы
Уыдон систы Касаты Аслæнбег, Æбиты Валерий æмæ Доййаты Зелим
Дзанайты Барис схорзæхджын кодта республикæйы Хицауады премийы лауреатты фæсивæдон политикæйы къабазы. Уыдон систы Касаты Аслæнбег, Æбиты Валерий æмæ Доййаты Зелим. Схорзæхджын сæ кодтой, удварны æмæ граждайнаг-патриотон хъомылады райрæзты, стæй рæзгæ фæлтæрæн мадзæлттæ цæттæ кæныны куысты тыххæй. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй премийы лауреаттæ ацы хъуыддаг ахадгæйæ æххæст кæнынц æмæ уый тыххæй стыр бузныджы аккаг сты.