филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 28 сентября 2024
21 сентября 2024, 11:44
Дигорайы уыд парламенты поветы цæугæ æмбырд

Депутаттæ сæ сæргъы спикер Тускъаты Таймураз афтæмæй аргъ скодтой ног парчы куыстытæн, бабæрæг кодтой культурон райрæзты центр

Дигорайы уыд парламенты поветы цæугæ æмбырд. Депутаттæ сæ сæргъы спикер Тускъаты Таймураз афтæмæй аргъ скодтой ног парчы куыстытæн, бабæрæг кодтой культурон райрæзты центр. Æмбырды æрдзырдтой районы социалон-экономикон райрæзты æмæ национ проекттæ æххæст кæныны хатдзæгтыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Нуазæн чысыл фонтантæ, бандæттæ, сывæллæттæн фæзтæ, æмæ фистæгæй цæуджытæн фæндæгтæ. Дигорайы Карл Марксы уынгæй Акъоты Василийы уынджы онг бынæттон цæрджытæн скодтой ног парк. Зæрдæмæдзæугæ уавæртæ скодтой йæ фæллад уадзын спортæй архайгæйæ чи уарзы, уыдонæн дæр. Ам фæзынд спортивон фæз. Сывæллæттæн æмæ хистæртæн сæ бон у хъазын футболæй, волейболæй, баскетболæй, теннисæй. Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты национ проект «Цæрæнуат æмæ горæты тыгъдад»-ы федералон программæмæ гæсгæ. Цавæр бынатмæ базилдзысты, уый цæрджытæ сæхæдæг бæрæг кодтой хъæлæс кæныны фæрцы. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз аргъ скодта куыстытæн.

Парламентаритæ бабæрæг кодтой культурон райрæзты центр дæр. Уæрæх зал 400 бынатæн, репетицион зал, кафæн, вокалон æмæ инструменталон коллективтæн студитæ. Ам уыдзæн районы библиотекæ дæр. Объект сарæзтой паддзахадон программæ «Культурæйы райрæзт»-мæ гæсгæ. Радих ын кодтой 154 милуан сомы.

Парламенты Советы цæугæ æмбырды ныхас цыд Дыгуры районы социалон-экономикон райрæзты æмæ национ проекттæ æххæст кæныны хатдзæгтыл. Афтæ Хъарман-Сындзыхъæуы фæцис хъæуы культурæйы хæдзары бындурон цалцæг. Нацпроект «Ахуырад»-мæ гæсгæ районы базылдысты 2 скъоламæ. Адæмы кæлæддзаг цæрæнуæттæй ивыны программæмæ гæсгæ та фесты бирæфатерон хæдзары арæзтад. 2025-æм азы снысан кодтой Дур-Дуры спортзал саразын. Ныхас цыд риссаг фарстатыл дæр. Дигорайы хъæуы баивын канализацион коллектор æмæ сыгъдæггæнæн фæрæзтæ. Хъарман-Сындзыхъæуы та сног кæнын былгæрæттæ хъахъхъæнæн дамбæтæ. Тускъаты Таймураз бабар кодта хъæугæ документацийыл бакусын.

Парламенты сæрдар куыд загъта, афтæмæй ахæм цæугæ æмбырдтæ æххуыс кæнынц сбæрæг кæнын риссагдæр фарстатæ. Тагъд рæстæджы нысангонд æрцæудзысты районы æппæт къабæзты райрæзты пълæнтæ. Анализ æмæ иумæйаг куысты фæрцы алцыдæр къухы бафтдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania