филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:24 суббота, 28 сентября 2024
24 сентября 2024, 11:04
Электрон хызты комплексы æнæхæдзарадон объектты инвентаризаци скæнын бабар кодта Сергей Меняйло аппаратон æмбырды

Ныхас цæуы, рынчындæтты, скъолаты, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ республикæйы æндæр социалон объектты территорийыл цы трансформаторон дæлстанцæтæ æмæ электронтыхдæттæг телтæ ис, уыдоныл

Электрон хызты комплексы æнæхæдзарадон объектты инвентаризаци скæнын æмæ сæ республикон исбонмæ радтын бабар кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Ныхас цæуы, рынчындæтты, скъолаты, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ республикæйы æндæр социалон объектты территорийыл цы трансформаторон дæлстанцæтæ æмæ электронтыхдæттæг телтæ ис, уыдоныл. Сергей Меняйло дæнцæгæн æрхаста, Черменыхъæуы скъолайы сывæллоны токæй куы ныццавта, уыцы цау. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады темæйыл дзургæйæ ма, донæххæстгæнæн республикон куыстуаты генералон директор Хъараты Тимур фехъусын кодта, Хурыхъæуы æмæ Раздзоджы доны системæйы модернизаци кæй фæцис, уый тыххæй. Уымæй уæлдай октябры кæронмæ Мæздæджы, Æрыдоны æмæ Беслæны эксплуатацимæ ратдзысты сыгъдæггæнæн фæрæзтæ. Кæронмæ фæхæццæ кæны, республикæйы донæй æмæ хъармæй æххæстгæнæн куыстуæтты консолидацийы куыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania