филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 пятница, 27 сентября 2024
26 сентября 2024, 15:59
Цæгат Ирыстоны маршрутон линитæм цæуын райдыдтой ног автобустæ

57 автобусы ацы аз балхæдтой национ проект «Æдас хæрзхъæд фæндæгты» æххуысæй

Цæгат Ирыстоны маршрутон линитæм цæуын райдыдтой ног автобустæ. Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. 57 автобусы ацы аз балхæдтой национ проект «Æдас хæрзхъæд фæндæгты» æххуысæй. Автопарчы ног транспорт кæй фæзынд, уымæ гæсгæ, уæлæмхасæн автобустæ радих кодтой æппæтæй фылдæр рейсытæ кæдæм вæййы, уырдæм.  Ныртæккæ уыдон сты Алагир-Дзæуджыхъæу, Беслæн – Дзæуджыхъæу. Алы райсом дæр уыцы бынæтты сæмбырд вæйы Дзæуджыхъæумæ чи фæцæуы, ахæм бæлццæттæ, афтæмæй байрæджы кæнынц, чи куыстмæ, чи та ахуырмæ. Ног автобусты фæрцы,  транспортон змæлды фæтк аивдзæн. Ныр иу автобусæй иннæйы ацыды хсæн хъуамæ 5-7 минутæй фылдæр ма уа. Транспорт арвыстой республикæйы дæрддзæф районтæм дæр. Сентябры райдианæй рейсытæ сног кодтой Дыгуры æмæ Æрæфы районтæм дæр. Уыдон та Дзæуджыхъæу бæттынц Дигора æмæ Цыколаимæ. Ныртæккæ траспортон куыстуæтты минæвæрттæ бæрæг кæнынц, ацы маршруттæ куыд ахадгæ уыдзысты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania