филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 пятница, 27 сентября 2024
27 сентября 2024, 10:36
Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы байгом Абайты Альберты номыл «Хъæбатыры партæ»

Уый уыд хицæн гвардион мысанæхсæн бригады хуыздæр хæстонтæй иу

Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы байгом Абайты Альберты номыл «Хъæбатыры партæ». Уый уыд хицæн гвардион мысанæхсæн бригады хуыздæр хæстонтæй иу. Фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ. Йæ амæлæты фæстæ йæ схорзæхджын кодтой Лæгдзинады Орденæй. Цыдис ыл æрмæст 20 азы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъæлдзæг, зæрдæхæлар лæппу. Ахæмæй бахъуыды кодтой Абайты Альберты – хицæн гвардион мысанæхсæн бригады хуыздæр хæстонтæй иуы. 2022-æм азы мартъийæ архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы. Уыцы аз майы фæмард йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ Харьковы бын. Йæ амæлæты фæстæ йæ схорзæхджын кодтой Лæгдзинады Орденæй. Абайты Альберт у, Сырх Стъалыйы ордены кавалер Калоты Георгийы номыл Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы рауагъдон. Абон ын йе сгуыхтдзинад ам хъуыды кæнынц æмæ йæ кæстæртæм хæццæ кæнынц. Æппæтуæрæсеон патриотон акци æххæстгæнгæйæ йæ кадæн байгом кодтой «Хъæбатыры партæ». Йæ уæлхъус фыццаг сбадыны бар радтой æртыккаг курсы ахуырдзау Гойаты Асланæн, ахуыры æмæ спорты æнтысдзинæдты тыххæй.

Мадзалы студенттæ радзырдтой Альберты царды æмæ йе сгуыхтдзинады тыххæй. Бакастысты йын йе фсæддон æмбалы фыстæг йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Æппæтуæрæсеон патриотон акци бабæрæг кодта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Габеты Вадим.

Бирæвæрсыг техникумы сæ хъæбатырты хъуыды кæнынц. Ахуыргæнæндоны цур архайы Лолаты Æхсары номыл æфсæддон-патриотон клуб. Фарон декабры та байгом «Сæрмагонд æфсæддон операцийы къуым», сæрмагонд операцийы зонæйы хæстон хæстæ чи æххæст кæны, уыцы рауагъдонты хуызистытимæ. Фронтмæ ацыд техникумы 40 минæварæй фылдæр.

Абайты Альберты партæйы уæлхъус баддзысты техникумы хуыздæр студенттæ. Ахæм акцитæн ахсджиаг нысаниуæг ис. Сæ фæрцы нæ хъæбатырты нæмттæ рохуаты никуы баззайдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania