филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:03 суббота, 28 сентября 2024
28 сентября 2024, 14:23
Ныртæккæ цæуы Республикæйы спортивон скъолаты хсæн футболон турнир

Радон фембæлд уыд Хæзныдоны стадион СОЗО-йы

Ныртæккæ цæуы Республикæйы спортивон скъолаты хсæн футболон турнир. Радон фембæлд уыд Хæзныдоны стадион СОЗО-йы. Архайдтой дзы Мæздæджы æмæ Æрæфы районты командæтæ. Тренертæ зæрдиагæй бакуыстой сæ командæты аив хъазтыл. Сæ зæрдæ дарынц, сæ алы ахæм фембæлд дæр, суинаг футболистты фæлтæрдзинадыл кæй æфтауы. Мæздæджы минæвæрттæ фыццаг хатт уыдысты Хæзныдоны æмæ сæ дисы бафтыдта, хъæуы цы гæнæнтæ ис сывæллæттæн, уый.  Хъазт ахицæн уазджыты уæлахизæй. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ турниры фæстæ йæ архайджытæ дидинджытæ кæй сæвæрдтой спортивон комплекс СОЗО-йы кæрты, сæ хъæбултæм æнхъæлмæ кæсгæйæ чи баззад, уыцы мадæлты номыл цыртдзæвæныл.  Уазджытæн зæрдиагæй балæггад кодтой Хæзныдоны спортивон комплексы разамынд, стæй Боллоты Алексей.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania