филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:14 суббота, 05 октября 2024
04 октября 2024, 10:34
Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы арæзт æрцыдысты стыр ахуыртæ

Сæрмагонд службæты сæйраг нысан уыд – бакусын адæмы ирвæзын кæныныл, мæнг зынгсирвæзт ахуыссын кæныныл

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц граждайнаг хъахъхъæнынады бон. Йæ агъоммæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты стыр ахуыртæ. Сæрмагондæй, Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы уыд зынгхуыссынгæнæн-тактикон ахуыртæ. Æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ, фыццаг уæладзыджы райдыдта зынгсирвæзт. Сæрмагонд службæты сæйраг нысан уыд – бакусын адæмы ирвæзын кæныныл, мæнг зынгсирвæзт ахуыссын кæныныл. Ахæм ахуыртæ хъæуынц профессионалон зонындзинæдтæ уæлдæр кæнынæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Зынгхуыссынгæнджыты машинæты сиренæты сигналы зæлтæ хъуысынц Цæгат Кавказы суворовон æфсæддон училищæйы территорийы. Фæлæ тæссаг нæу – уый у ахуырадон фæдис. Уæрæсейы граждайнаг хъахъхъæнынады боны агъоммæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты стыр ахуыртæ.

Æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ, фыццаг уæладзыджы райдыдта зынгсирвæзт компьютеры блокы цыбыр ныдзæвд кæй æрцыд, уый аххосæй. Сирены зæлтæ фехъусгæйæ, ахуыргæнджытæ æмæ курсанттæ рацыдысты бæстыхайæ. Фæлæ ма агъуысты баззад цалдæр адæймаджы – статисттæ. Хъуамæ уыдоны аирвæзын кæной зынгхуыссынгæнджытæ.

Зынгхуыссынгæнджыты алы къордæн дæр ис йæхи хай æмæ йæхи сæрмагонд куыст. Хъæуы сæ аирвæзын кæнын, дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты арты уацары чи бахауд, уыцы адæмы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæй фæстæмæ ма ахуырты архайынц æндæр службæтæ дæр – сæ архайд æнæнхъæлæджы уавæрты куыстимæ баст кæмæн у, уыдон.

Таурæгъмæ гæсгæ цы 9 адæймаджы хъыгдард баййæфтой, уыдоны  аирвæзын кæнын æмæ мæнг зынгсирвæзт ахуыссын кæнын бантыст цыбыр рæстæгмæ. Операци ахадгæйæ æххæстгонд æрцыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania