филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 суббота, 31 января 2026
05 октября 2024, 14:27
Ахуыргæнæг – алы сывæллоны царды ирд фæд чи ныууадзы, ахæм адæймаг

Ахуыргæнæджы дæсныйад сæхицæн равзæрстой нæ программæйы хъайтартæ

Ахуыргæнæг – алы сывæллоны царды ирд фæд чи ныууадзы, ахæм адæймаг. Ахуыргæнæджы дæсныйад сæхицæн равзæрстой нæ программæйы хъайтартæ. Уый уыд сæ сабидуджы бæллиц, æмæ сын сæххæст. Ныр сæ ахуырдзаутæн амонынц сæ уарзон предметтæ. Сæхи ныхæстæм гæсгæ тынг æнкъарынц хистæр ахуыргæнджыты æххуыс дæр. Æнæ уымæй хиуыл кусæн нæй. Уымæн æмæ ахуыргæнджытæй аразгæ у рæзгæ фæлтæры æмæ нæ бæстæйы фидæн. Касаты Наирæ радзурдзæн бæстондæр.

Ирон æвзаджы урочы 6-æм къласы ахуырдзаутæ цымыдисæй хъусынц сæ ахуыргæнæгмæ. Æрыгон ахуыргæнæг Дигойты Олег скъоламæ кусынмæ бацыд йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Бæллы мадæлон æвзагмæ æмæ ирон культурæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ рæзгæ фæлтæрыл уарынмæ. Ацы дæсныйад дæр уымæн равзæрста.

Дигойты Олег йæ куыстыл æвæры стыр ныфсытæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, адæймаджы рагон удварны  æмæ культурон хæзнатæм разæнгард кæныны бындур сты бинонтæ æмæ скъола.

24-æм скъолайы директор Хъыбызты Феликс куыд зæгъы, афтæмæй фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ æрыгон, зæрдæргъæвд, сæ куыст зæрдæйæ чи уарзы, ахæм  фæсивæдимæ  куы фæкусынц, уæд ма уымæй хуыздæр цы уа? Сæ миниуджытæй сæ фæхайджын кæныныц, æмæ скъолайы традицитæ фæхæссынц дарддæр.

Мæрзойты Дзерассæ у скъола «Эрудит»-ы райдиан кълæсты ахуыргæнæг. Фыццæгæм къласмæ ма куы цыди, уæд иу касти йæ фыццаг ахуыргæнæгмæ, æмæ йæ бæллиц уыди уый хуызæн суæвын. Дзерассæ йæ хъуды сæххæст кодта, æмæ ныр йæхæдæг зонындзинæдтæ дæтты сабитæн.

Дзерассæ скъоламæ куы рбацыди кусынмæ, уæд йæ фарсмæ балæууыдысты йæ хистæр æмкусджытæ. Æнæ уыдоны цæстуарзон æххуысæй æнцон нæ уыдаид, зæгъы Дзерассæ.  Цалынмæ кæуыл ахуыр кæной, ахæмтæ уа, уæдма райдайгæ ахуыргæнджытæн тæссаг нæу.

Сывæллæтты зæрдæты  ахуырмæ уарзондзинад равзæрын кæнын, сæ курдиат сын раргом кæнын – æцæг ахуыргæнæджы нысан æмæ хæс. Уымæй аразгæ у æхсæнады, уый фæстæ та æппæт бæстæйы фидæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania