09 октября 2024, 10:35
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны делегаци кусы Федералон Æмбырды уæлдæр палатæйы фæзы
Сергей Меняйло раныхас кæндзæн Федерацийы Советы экономикон политикæйы Комитеты æмбырды
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны делегаци кусы Федералон Æмбырды уæлдæр палатæйы фæзы.Цæуынц дзы уæрæхгонд æмбырдтæ. Архайынц дзы республикæйы паддзахадон хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ дæр. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло раныхас кæндзæн Федерацийы Советы экономикон политикæйы Комитеты æмбырды. Ныхас дзы цæудзæн фæндаггон инфраструктурæйы рæзтыл æмæ республикæйы экономикон секторæн æххуысы мадзæлттыл. Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстоны хицаудзинады оргæнтæ архайдзысты ноджыдæр 2 комитеты уæрæхгонд æмбырды. Йæ фæлгæты æрдзурдзысты нæ республикæйы социалон инфраструктурæйы рæзтыл æмæ бюджеты фарстатыл.
темæмæ гæсгæ




