филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 суббота, 31 января 2026
19 октября 2024, 11:43
Хъæууон хæдзарады нысаниуæг кæмæн ис, уыцы зæххытæ æмбæлгæ уагмæ æркæнын æмæ сын сæ ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын

Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз ацы ахсджиаг фарстайыл æрдзырдта закъондæттæг оргæны æмбырды

Хъæууон хæдзарады нысаниуæг кæмæн ис, уыцы зæххытæ æмбæлгæ уагмæ æркæнын æмæ сын сæ ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз ацы ахсджиаг фарстайыл æрдзырдта закъондæттæг оргæны æмбырды. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, арендон бадзырдтæ хъуамæ фыст цæуой аграрон куыстуæтты райрæзтмæ гæсгæ. Уымæй уæлдай, хъуамæ хынцой хъæуы социалон уавæрыл æмæ районы бюджетыл куыстуат куыд ахады, стæй бынæттон фæсивæдæн куысты бынæттæй æххуыс кæны, æви нæ, уый. Æмбырды ныхас цыди, «Хъæуты социалон комплексон рæзт»-ы программæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл дæр. Стыр æргом ма здæхт æрцыди Елхоты дондзæуæн хызты рацарæзт кæронмæ фæуыны фарстайыл. Хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан куыд фехъуысын кодта, афтæмæй фарста алыг кæнынæн хъæуы ног проектон-сметон документаци бацæттæ кæнын. Уымæй уæлдай, æмбырды ныхас цыди бюджетмæ, стæй федералон æмæ республикон закъонадон проекттæм ивддзинæдтæ бахæссыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania