Сæйраг приз райсыныл сæ тыхтæ æвзæрстой 22 барæджы бæстæйы алы регионтæй
Республикон бæхты-спортивон скъолайы Заводскойы уыдысты, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы призтæ рамбулыны æппæтуæрæсеон ерыстæ. Сæйраг приз райсыныл сæ тыхтæ æвзæрстой 22 барæджы бæстæйы алы регионтæй. Республикæйы кад хъахъхъæдтой Уæрæсейы чемпионаты призер Хъуысаты Алан, стæй æппæтуæрæсеон ерысты уæлахиздзаутæ, бæхты скъолайы хъомылгæнинæгтæ Тменаты Дианæ æмæ Кира Иванова. Программæйы – ерыстæ манежы цыдæй, конкурæй æмæ кроссæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Заводскойы 3 боны сæ арæхстдзинад æвдыстой Уæрæсейы бæхты спорты стъалытæ. Раззагдæр барджытæ æрбацыдысты, цæмæй радон хатт сфидар кæной сæ бæрзонд статус. Республикæйы сæгълæууæджы призтæ рамбулыны ерысты архайдта 22 спорстмены бæстæйы 4 регионæй. Ирон скъолайы кад хъахъхъæдтой 3 спортсмены. Сыгъзæрин майдан иугонд командæйы хыгъдмæ бахаста Уæрæсейы чемпионаты æвзист призер Тменаты Дианæ. Уæлахиз адих кодта йе нувыд хæлар 6-аздзыд Дольменимæ.
Ерыстæ цыдысты 3 боны. Фæлтæрдджын спортсментæн уый хорз гæнæн у тыхджындæртимæ сæ хъарутæ бавзарынæн, ацы спорты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн та – хуыздæрты арæхстдзинад фенынæн. Турниры программæйы – манежы цыд, конкур æмæ кросс. Бæхты спортуарзджытæн ацы 3 боны уыдысты æцæг бæрæгбонау.
Ерысты бæрзонд статус архайджытæн радта, спорты мастеры ном райсыны фадат дæр. Уыцы норматив сæххæст кодта æрмæст иу спортсменкæ Мæскуыйы облæстæй. Турнираразджытæ куыд загътой, афтæмæй ацы сезоны ивгъуыд ерыстæ барджытæн зæхцъарыл уыдысты фæстаг.
Турниры призон фонд уыд 1 æмæ *рдæг милуан сомы. Мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй фæнд кæнынц ацы ерыстæ æрвылазон скæнын.




