филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:53 воскресенье, 01 февраля 2026
24 октября 2024, 10:42
Дзæуджыхъæуы уыдзæн медиафорум «ПРО Кавказ»

Форумы сайты райдыдта архайджыты регистраци

13-14-æм ноябры Дзæуджыхъæуы уыдзæн медиафорум «ПРО Кавказ». Форумы сайты райдыдта архайджыты регистраци. «Про Кавказ» республикæйы æрæмбырд кæндзæн медиаæхсæнады хуыздæр минæвæртты: зындгонд уæрæсейаг журналистты æмæ блогерты, политологты æмæ пиар-специалистты, стæй алы къабæзты экспертты. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Ацы аз форумы сæйраг темæ у «Медиакъабазы ивддзинæдтæ: ныхлæуд æмæ авналæнтæ». Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ПРО Кавказ арæзт цæуы ныр æртыккаг хатт, æмæ уыцы рæстæгмæ сси ацы къабазы кусджыты ахсджиаг æмæ хъæугæ фембæлд. Ис сын кæрæдзийы цæстæнгасимæ базонгæ уæвыны, ног зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад райсыны, стæй информацион тыгъдады иумæйаг хъуыдымæ æрцæуыны фадат.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania