филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:46 суббота, 31 января 2026
30 октября 2024, 10:46
Цыколайы 1-æм скъолайы арæзт æрцыд Лæгдзинады урок

Баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гулуты Хизиры номимæ

Цыколайы 1-æм скъолайы арæзт æрцыд Лæгдзинады урок. Баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гулуты Хизиры номимæ. Кадджын фронтовик уыд Æрæфы районæй рацæугæ. Йæхæдæг дæр ахуыр кодта ацы скъолайы. Уыд Дзæуджыхъæуы, Курскы, Крымскы, Мæздæджы, Малгобекы æмæ йæ райгуырæн Цыколайы кадджын гражданин. Мадзалы архайдтой Гулуты Хизиры бинонтæ, районы разамынды, «Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ. Скъоладзаутæ хъуыстой ветераны хæстон фæндæгты, стæй Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы ветеранты Советы сæрдары бынаты йæ архайды тыххæй мысинæгтæм. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты æмæ ахадгæ æхсæнадон архайды тыххæй Гулуты Хизир хорзæхджынгонд уыд бирæ хæрзиуджытæй. Кадджын ветеран йæ цардæй ахицæн 2021-æм азы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania