филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 суббота, 31 января 2026
06 ноября 2024, 14:46
Знон мит кæй æруарыд, уымæ гæсгæ Арвы комы фæндыгыл арæнты сæрты ахизынмæ æнхъæлмæ кастысты 740 транзитон машинæйы

Сергей Меняйло бахæс кодта æнæнхъæлæджы цауты министрадæн хъармгæнæн пункттæ бацæттæ кæнын

Знон мит кæй æруарыд, уымæ гæсгæ Арвы комы фæндыгыл арæнты сæрты ахизынмæ æнхъæлмæ кастысты 740 транзитон машинæйы. Уыдонæй 450 сты сæрмагонд æрлæууæнты. Сергей Меняйло бахæс кодта æнæнхъæлæджы цауты министрадæн хъармгæнæн пункттæ бацæттæ кæнын. Боны ахаст рагагъоммæ куыд амоны, афтæмæй фæндаг æхгæд уыдзæни дыууæ суткæйы. Сæргълæууæг ма иу хатт йе ргом аздæхта, цæмæй уæзласæн машинæтæ фæндæгты былгæрæтты ма лæууой. Æмбырды ныхас цыди хъармгæнæн сезоныл дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, се ппæт бирæфатерон хæдзæрттæм дæр цæуы хъарм, къуылымпыдзинæдтæ ис æрмæст Владикавказскийы æмæ Весеннийы уынгты хицæн хæдзæртты. Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæрыл дзургæйæ фæлхасадмæ цæстдарды службæйы минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй  уавæр у рæстæмбис. Республикæйы карантины ис æрмæстдæр иу рæвдауæндоны иу къорд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania