филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:31 суббота, 31 января 2026
15 ноября 2024, 10:47
Хицауады цæттæ кæнынц регионы экономикæйы хицæн къабæзты рæзты стратегитæ

Документтыл куыст цæуы, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ

Хицауады цæттæ кæнынц регионы экономикæйы хицæн къабæзты рæзты стратегитæ. Документтыл куыст цæуы, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ. Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды докладтæ скодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы, æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадтæ, стæй культурон объектты хъахъхъæныны комитеттæ. Таматы Майрæн радзырдта инфраструктурæйы рацарæзты, æмæ лæггæдты хæрзхъæддзинады тыххæй. Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, документмæ хъæуы районтæ активондæрæй хæссын. Алкæцыйы дæр ис, хынцын кæй хъæуы, сæхи ахæм фарстатæ. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан фехъусын кодта сæ ведомствойы сæйрагдæр хæсты тыххæй – республикæйы цæрджыты хсæн æнæниз цардыуаг парахат кæнын. Æмбырды ма байхъуыстой культурон объекттæ хъахъхъæныны тыххæй рæзты стратегимæ. Дзанайты Барис бабар кодта хатдзæгтæгæнæн æрмæджытыл бакусын. Уыимæ, Парламенты профилон комитетты хъуыдытæ хынцгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania