филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:31 суббота, 16 ноября 2024
15 ноября 2024, 10:48
Дзæуджыхъæуы йæ куыст фæци 3-аг Медиафорум «PRO Кавказ»-æн

Эксперттæ дзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй

Дзæуджыхъæуы йæ куыст фæци 3-аг Медиафорум «PRO Кавказ»-æн. Цыди дыууæ боны. Эксперттæ, журналисттæ, телеамонджытæ форумы дыккаг бон бабæрæг кодтой Беслæн, æмæ æрымысыдысты 2004-æм азы теракты амæттыгты рухс нæмттæ. Уыдысты скъолайы спортивон залы. Сæвæрдтой дидинджытæ, террористтæ амынæтты кæм дардтой, уыцы хъыггæнæн бынаты. Терроризмы профилактикæйы Æппæтадæмон культурон-патриотон центры директор Сохиты Ларисæ уазджытæн радзырдта трагедийы тыххæй.

Форумы дыккаг бон ма 5 фæзы цыдысты лекцитæ. Эксперттæ дзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй. Стыр æргом здæхтой ахсджиаг темæтæм, дзуæпптыæ лæвæрдтой адæмы фæрстытæн. Форумы сæрмагонд уазæг, Уæрæсейы адæмон артист  Михаил Пореченков залы сæмбырд кодта бирæ адæм. Бирæты бафæндыд уарзон артистимæ аныхас кæнын. Уæвгæ медиафорум у ахуырадон фæз, медиакъабазы кусджытæн. Журналисттæн, блогертæн, рауагъдадты сæргълæуджытæн æмæ PR-специалисттæн лекцитæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ бацæттæ кæнынц æцæг профессионалтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania