филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
16 ноября 2024, 13:51
Дзæуджыхъæуы уыд форум «Æрыгон специалист – фидæны аразæг»

Йæ сæйраг нысан у æрыгон специалистты ргом раздахын аразæджы дæсныйадмæ æмæ ацы къабазы кусджыты резерв цæттæ кæнын

Дзæуджыхъæуы уыд форум «Æрыгон специалист – фидæны аразæг». Йæ сæйраг нысан у æрыгон специалистты ргом раздахын аразæджы дæсныйадмæ æмæ ацы къабазы кусджыты резерв цæттæ кæнын. Мадзал фадат радта студенттæн æмæ скъоладзаутæн фæлтæрдджын эксперттимæ аныхас кæнынæн, куыстдæтджыты консультацитæ райсынæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

«Æрыгон специалист – фидæны аразæг». Афтæ хуыйны Уæрæсейы арæзтады къабазы сæйрагдæр фæсивæдон форумтæй иу. Фыццаг хатт арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Баиу кодта профилон колледжты ахуырдзауты,  абитуриентты, студентты, ахуыргæнджыты æмæ арæзтадон компаниты минæвæртты. Форумы нысан у æрыгон специалистты ргом раздахын дæсныйадмæ æмæ профилон къабазы кусджыты резерв цæттæ кæнын.

Форум цыд 5 фæзы. Уыдонæй иу уыд Цæгат Кавказы хæххон металлургон институт. Студенттæн уыд, арæзтады къабазы фæлтæрдджын эксперттæм байхъусыны, семæ аныхас кæныны æмæ профессионалон зонындзинæдтæ райсыны  фадат.

Форумы уыд дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, æмбырдтæ, интерактивон хъæзтытæ, цымыдисаг лекцитæ алы къабæзтæм гæсгæ. Архайджытæ æмбырд кодтой хæдзæртты макеттæ, архайдтой регионы ландшафтыл, горæты фæлладуадзæн зонæты аивдзинадыл. Форумы ма уыд куысты бынæтты армукъа дæр. Алы студентæн дæр йæ бон уыд куыстуаты кæнæ организацийы уæнгты консультаци райсын. Армукъа арæзт æрцыд, фидæны аразджыты æмæ куыстдæттæгты *хсæн диалоджы хуызы. Йæ сæйраг нысан у, студентты ахуыры фæстæ сразæнгард кæнын арæзтадон организациты рæнхъытæм бацæуынмæ.

Цæгат Ирыстон сси форум саразынæн 23-æм регион. Архайдта дзы 2 мин 650 адæймагæй фылдæр. Сæ хыгъды волонтертæ, хицауады оргæнты минæвæрттæ æмæ мадзаларазджытæ. Æрыгон архайджытæн радтой сертификаттæ. Уыдоны фæрцы ис ацæуын стажировкæ кæнæ практикæ, райсын карьерон консультаци, бабæрæг кæнын арæзтадон компани экскурсиимæ.

Ацы стыр мадзал бацæттæ кодтой Уæрæсейы арæзтады министрад æмæ ахуырадон архайды компетенциты центр.

Мадзал сæмбырд кодта æрмæст студентты нæ, фæлæ скъоладзауты дæр – иу минæй фылдæр. Сывæллæтæн цымыдисаг уыд арæзтады къабаз, форумы  федтой аразæджы дæсныйады алывæрсыгдзинад æмæ йæ гæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania