филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:35 суббота, 16 ноября 2024
16 ноября 2024, 13:57
Ног къуыри райдайдзæн бæрæгбон Джеоргуыба

Къуырийы дæргъы алы хæдзары дæр кувдзысты Лæгтыдзуармæ, фæдзæхсдзысты йыл сæхи æмæ æгас Ирыстон

Ног къуыри райдайдзæн нæ уарзондæр æмæ кадджындæр бæрæгбон Джеоргуыба. Къуырийы дæргъы алы хæдзары дæр кувдзысты Лæгтыдзуармæ, фæдзæхсдзысты йыл сæхи æмæ æгас Ирыстон. Бæрæгбон нысан кæны хъæууонхæдзарадон куыстыты кæрон. Джеогруыба æрмæст ирон адæмы бæрæгбон нæу, фæлæ нæ республикæйы цы бирæ нацитæ цæры, уыдоны дæр. Республикæйы сæргълæууæджы указмæ гæсгæ, Джеоргуыбайы къуырийы фыццаг бон нымад у фæлладуадзæн боныл. Цæгат Ирыстоны цæрджытæм фæсидтысты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхасы» минæвæрттæ, æмæ байхъусæм Рахизфарсы районы ирон æгъдæутты комитеты сæрдар Хæмыцаты Романмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania