филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 суббота, 31 января 2026
19 ноября 2024, 11:01
Цæгат Ирыстоны бындурон цалцæджы фæстæ байгом  Дзæуджыхъæумæ бацæуæны федералон фæндаг «Кавказ»-ы уаддзаг

Бæтты дыууæ  федералон трассæйы «Кавказ» æмæ Дзæуджыхъæу – Дæллаг Ларс

Цæгат Ирыстоны бындурон цалцæджы фæстæ байгом  Дзæуджыхъæумæ бацæуæны федералон фæндаг «Кавказ»-ы уаддзаг. Бæтты дыууæ  федералон трассæйы «Кавказ» æмæ Дзæуджыхъæу – Дæллаг Ларс. Ацы фæндаг нымад у горæты æппæтæй фылдæр кæмæй пайда кæнынц, ахæмыл. Æрвылбон дзы ацæуы 15 мин транспортон иуæгæй фылдæр. Трассæ лæггад кæны Цæгат-Кавказы субъектты, Уæрæсейы центрон облæстты æмæ Фæскавказы паддзахадты логистикон бастдзинæдтæн маршруты хуызы. Фæндаг байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта фæндæгты федералон агентаты разамонæг Роман Новиков. Фæндаг фæуæрæхдæр кодтой æмæ дзы ныр ис 4 фарсы. Уый фæрцы фæхуыздæр уыдзæн æдасдзинады фарста дæр. Фæндаг дзуапп дæтты æппæт домæнтæн, æвæрд дзы æрцыди бырутæ æмæ рухсытæ. Ис дзы автобустæн 6 æрлæууæны, фистæгæй цæуджыты фæндаг æмæ светофорон объекттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania